15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
12°
(Облачно)
94 %
0 м/с
Cбæрæг сты ирон æвзагыл хуыздæр мультимедион проект саразыны конкурс «Æ-Технология»-йы уæлахиздзаутæ
30.10.2021
19:41
2 729

Дзæуджыхъæуы абон сбæрæг сты ирон æвзагыл хуыздæр мультимедион проект саразыны конкурс «Æ-Технология»-йы уæлахиздзаутæ.

Фыццаг бынат дзы бацахста Гæбæраты Æхсарбеджы мобилон уæлæфтуан «Ирон чиныг». Дыккаг – Бутаты Зауырбеджы проект, уый ирон æвзагмæ ратæлмац кодта мультфильмтæ, æртыккаг – Хоранты Алиханы мобилон уæлæфтуан «Avdan».

Ирон æвзаджы рæзтмæ стыр æвæрæн кæй хæссынц, уый тыххæй сын саккаг кодтой дамгъæ «Æ»-имæ риуылдаргæ нысантæ æмæ сæрмагонд æвидисæндартæ.

Конкурс Цæгат Ирыстоны национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрады заказмæ гæсгæ сарæзта æхсæнадон организаци «Ирон Федерации».

Информацион портал «15-æм Регион»-ы уацхæссæгæн йæ минæвар Датиты Дзамболат куыд фехъусын кодтa, афтæмæй конкурс «Æ-Технология» арæзт æрцыд фыццаг хатт, ацы аз дзы архайдтой 13 адæймаджы. Йæ сæйраг хæс у нæ республикæйы ирон медиакультурæ рапарахат кæнын.

Бафиппайын хъæуы, конкурс нæ республикæйы эпидемиологон уавæр хынцгæйæ кæй сарæзтой, уый.

Хуытыгаты Томæ