15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
15°
(Облачно)
89 %
2.57 м/с
Хъайтар партизан
08.05.2025
11:45
977

Фыдыбæстæйы стыр хæсты рæстæджы партизанты куыстæн зын у аккаг аргъ скæнын. 1943 азы, майрæмы мæйы райдыдта операци «Æфсæнфæндагон хæст». 100 минмæ хæстæг советон партизаны райдыдтой диверсион архайд, немыцæгтæ Советон Цæдисы цы зæххытæ бацахстой, уыцы ран æфсæйнаг фæндаг фехалыныл æмæ поездтæ схæцын кæныныл. Диверсион архайды фæрцы фæззæгмæ æфсæйнаг фæндагыл знаджы змæлд фæкъаддæр ис 40% бæрц. Историкты æмæ эксперттæм гæсгæ «Æфсæнфæндагон хæст» бацахста тынг вазыгджын бынат знаджы фæкъуылымпы кæныныл, æмæ бантыстис рамбулын рæстæг советон æфсæдтæн, цæмæй сæ тыхтæ сæмбырд кæной, æмæ знаджы басæттой, уый тыххæй. Ацы æрмæджы нæ фæнды радзурын Томайты Созырыхъойы тыххæй. Уымæн йæ адзалмæ гæсгæ уыдис нысангонд суæвын хъайтардæр партизантæй сæ иу.

Созырыхъо райгуырдис Нарты хъæуы, 1920 азы, Томайты Михал æмæ Зæйнаты хæдзары. Куыд хистæр сывæллон, афтæ йæ сабибонтæй æххуыс кодта йæ ныййарджытæн, æмæ йæ кæстæр хотæ æмæ æфсымæртæн та уыдис ныфс æмæ хорз дæнцæг. Йæ рагбонтæй фæстæмæ тынг уарзта кафын, æмæ йын иттæг хорз æнтыстис. Цыдис рæстæг, æмæ æстæм кълас каст куы фæцис, уæд бацыд Дзæуджыхъæуы индустриалон техникуммæ. Созырыхъойы тынг фæндыд йæ фыды фæсфæд ацæуын, æмæ суæвын зынгонд хъæддæсны, фæлæ йын йæ бæллицтæ сæххæст кæнын бахъыгдæрдта Фыдыбæстæйы хæст.

1941 азы фашистты ныхмæ тох кодта Украинæйы зæххыл. Уыдис зындгонд инæлар Рослыйы æфсады сгарæг батальоны отделенийы командир. Йæхи равдыста хъæбатыр æмæ арæхстджын хæстонæй. Тынг фесгуыхт Запорожьейы цур иу карз хæсты: пулемётæй æрæппæрста знаджы хæдтæхæг. Йæ ном айхъуыст æфсадыл. Йемæ хæстæг базонгæ инæлар Рослый.

1943 азы Созырыхъойы арвыстой Ленинград æмæ Псковы облæстты партизанты бригадмæ. Уæдмæ куырттатаг лæппумæ уыдис знæгты ныхмæ тохы хорз фæлтæрддзинад. Стыр разæнгардæй бацыд партизанты ахсджиаг хъуыддæгты. Ноджы ма куы базыдта сæ ротæйы командир ирон у, зæгъгæ, уæд йæ цинæн кæрон нал уыд. Уымæй дæр йæ коймаг Гуыриаты Мысост. Созырыхъо ссис взводы командир. Уыцы рæстæджы Гуырийы фырты партизантæ æрфидар сты Псковы облæсты Зеленск, зæгъгæ, уыцы хъæуы. Ам Созырыхъойæн бахæс кодтой цæрджыты æххуысæй хъæуы алыварс акъоппытæ скъахын, æхсæн бынæттæ саразын. Уыцы хъуыддæгтæ афоныл арæзт æрцыдысты.

Фæстæдæр августы немыцаг фашисттæ, сæ тыхтæ махуæттæй 6-7 хатты фылдæр уæвгæйæ, бырсын райдыдтой партизанты хъæумæ. Партизантæ канд хъæу нæ бахъахъхъæдтой, фæлæ фашистты дарддæр фæстæмæ аздæхтой. Мысост тынг разы уыдис йе’мзæххон Созырыхъойæ, æмæ йын радта бардзырд: Серебрянкæ æмæ Плюссæйы станцæты ‘хсæн æфсæнвæндаг срæмудзын. Ууыл немыцæгтæ фронтмæ ластой æфсæдтæ, хæцæнгæрзтæ, Германмæ та – нæ адæмæй цы мулк истой, уый.

Созырыхъо йæ хæс бамбæрста. Йемæ акодта дыууæ ‘мбалы: Спиридонов æмæ Еромоловы. Уыдоны ныууагъта хъамылы, æмбæхст бынаты. Йæхæдæг, йæ гуыбыныл быргæйæ æд рæмудзæнтæ хæстæг бацыд æфсæнфæндагмæ. Немыцæгтæ ацы фæндаг кæд тынг хъахъхъæдтой æмæ рæстæгæй –рæстæгмæ автоматтæй хъамылы ‘рдæм æхстой, уæддæр Созырыхъо сарæхст – минæтæ бавæрдта рельсыты бын. Йæхæдæг уайтагъд йе ‘мбæлтты ссардта, æмæ дардæр ацыдысты фæндагæй.

Уалынмæ æрбазынд дæргъæй –дæргъмæ поезд, æрбахæццæ Созырыхъойы «амынд» бынатмæ æмæ минæты рæмыгъдæй ныффæлдæхт. Рæмыгътой вагæтты æвгæд хæцæн æрмæджытæ, цагъды фесты бирæ фашисттæ.

Цасдæр рæстæджы фæстæ Томайы-фырты взводы салдæттæ Плюсса æмæ Красные Стугийы ‘хсæн райхæлдтой рельсытæ æмæ фæндаг дзæвгар рæстæг нæ куыста…

Йу хатт куы уыд, уæд партизанты 6-æм бригады разамынд сфæнд кодта Любочарыйы хъæуы знаджы гарнизон ныддæрæн кæнын. Уырдæм гом фæндæгтыл бацæуæн на уыд. Партизантæ æхсæвыгон фæцыдысты хъæды цъымараты æмæ æнæнхъæлæджы бабырстой хъæумæ. Гарнизон дæрæнгонд æрцыд. Ам дæр та Созырыхъо равдыста йæ лæгдзинад æмæ арæхстдзинад. Уый фæстæ йе’мбæлттæ диссагæн дзырдтой: Томайы-фырт, дам, гранаттæ тынг дæсны æхсгæйæ, ныппырх кодта знаджы тыхджын æхсæн бынат.

Рухæны мæйы та ротæйы командир Гуыриаты Мысост йе’мзæххонæн ногæй бахæс кодта æфсæнфæндаг срæмудзын, æмæ Созырыхъо йемæ акодта, йæхæдæг кæй бацамыдта, уыцы æмбæлтты. Станцæ Мишинскмæ бацыдысты цæгатырдыгæй æмæ сæ хæс кадимæ сæхæст кодтой.

Бирæ хæттыты ма фесгуыхтысты Созырыхъо æмæ йе‘мбæлттæ. Фæлæ ма дзы иуы тыххæй æнæ радзургæ нæй. Немыцæгтæ партизантæй æгæр куы старстысты, уæд сæ тыхтæ фæфылдæр кодтой. Уый Гуырийы фырт куы базыдта, уæд йæ уæлдæр хицауадæй бар райста, цæмæй ныббырсой Мишинскы станцæмæ æмæ йæ асыгъдæг кæной знæгтæй. Уый уыдис тынг зын æмæ тæссаг операци. Гуырийы фырты ротæйы партизантæ цъымаратыл сусæгæй бацыдысты горæтмæ хæстæг æмæ сонтæй æхсын райдыдтой, немыцæгтæ кæм æрбынат кодтой, уыцы хæдзæрттæ. Бацайдагъ карз хæст. Партизантыл дæр æрцыд дзæвгар зиантæ. Мæлæтдзаг цæф фæцис Мысост. Ныхъхъæр ма кодта Созырыхъомæ, мæ туг мын райс, зæгъгæ, æмæ Созырыхъо атындзыдта, немыцæгтæ кæм бакъорд сты æмæ тынг кæцæй æхстой, уыцы хæдзармæ. Йемæ дыууæ автоматчикы. Уыдон æхстой æнæрынцойæ хæдзары рудзгуытæм, Созырыхъо та бахъуызыд, знæгтыл нызгъæлдта гранаттæ. Немыцæй ма чи аирвæзт, уыдон рагæппытæ кодтой рудзгуытæй, фæлæ сæ партизантæ ныццагътой. Созырыхъо йемæ райста фашистты автоматтæ æмæ сæ æрбахаста Мысосты размæ. «Мысост, дæ туг дын райстон», — загъта Созырыхъо æмæ йæ цæссыгтæ æрызгъæлдысты . Партизантæ сæ командир Гуырийы-фырты рахастой хæсты быдырæй æмæ йæ Лугæйы доны был йæ зынгхуыст æмбæлттимæ кадджын уавæры бавæрдтой. Ротæйы командир ссис Созырыхъо. Партизантæ Альберт Менсон æмæ Альма Гурянова куыд фыстой, афтæмæй Томайты Созырыхъо ард бахордта Мысосты туг райсыны тыххæй æмæ йæ æцæгдзиннадæй сæххæст кодта. Леннинграды ‘рдæм цы фашистон эшелонтæ цыд, уыдонæй бирæтæ бабын сты Созырыхъойы ротæйы минæтæй. Партизантæ ма иу хатт æнæнхъæлæджы ныббырстой Плюссæмæ æмæ уæззау зиан æрхастой гитлеронтæн. Уыцы карз тохы та Созырыхъо фæцæф, фæлæ хæстæй нæ рацыд, разамынд лæвæрдта йе ‘мбæлттæн.

Куы сдзæбæх, уæд æй ногæй рарвыстой æфсадмæ æмæ суанг хæсты кæронмæ — не Стыр Уæлахизы бонмæ уыдис йæ рæнхъыты.

Æрыздæхт хæствæллад салдат йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Æрыздæхт цалдæр ордены æмæ цыппæрдæс майданимæ. æмæ царды дæр йæхи равдыста æцæг , уæздан, фæллойуарзаг лæгæй. Бирæ азты дæргъы фæкуыста Куырттаты комы хъæды хæдзарады. Кæддæриддæр уыдис æхсæнадон царды гуылфæнты. Равзæрстой йæ Фыййагдоны поселочы Советы депутатæй. Йæ хæстон хæрзиуджытыл ма бафтыд фæллойы ветераны майдан.

Алы кустмæ дæр дæсны уыд Созырыхъо. Куырттаты комы Къæрæбийы фæзы йæ къухтæй сарæзта замманай хæдзар. Созырыхъойæн ма ноджы йæ амонд уыдис уый, æмæ йын уыд йæхи хуызæн хæларзæрдæ цардæмбал Зинæ. Уырыссаг уæвгæйæ, уайтагъд базыдта ирон æвзаг, æгъдæуттæ. Иттæг хорз кодта нæ национ хæринæгтæ. Томайты мыггагæн Зинæ куыд тынг аргъ кодта, афтæ йын кад кодтой уыдон дæр.

1966 азы Леннинграды уыдис партизанты фæмбæлд. Уырдæм Созырыхъо ацыд йæ цардæмбал Зинæ æмæ йæ хо Разиатимæ. Уыдон куыд дзырдтой афтæмæй партизантæ тынг фæцин кодтой Созырыхъойыл. Дзырдтой йæм йæ хæстон номæй – Кавказаг.

Бирæ рæсугъд фæндтæ ма уыдис Созырыхъомæ. Бирæ хордзинæдтæ ракæнын ма уыд йæ зæрды адæмæн. Фæлæ хæстæфхæрд салдатыл æртыхстысты низтæ, æмæ 1988 азы амард.

Фæлæ ахæм лæгтæн, куыд фæзæгъынц, мæлæт нæй. Уæлæуыл баззайынц сæ нæмттæ…

Кучиты Алыксандр