15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
(Облачно)
81 %
3 м/с
$ — 94.0742 руб.
€ — 99.9341 руб.
«Иры Стыр Ныхас» зæрдиагæй арфæ кæны Хуссар Ирыстон-Аланийы сæрибаруарзаг адæмæн
20.09.2020
12:24
353

Ӕппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас» зæрдиагæй арфæ кæны Хуссар Ирыстон-Аланийы сæрибаруарзаг адæмæн 30 азы размæ райгуырæн бæсты сæрвæлтау тохы цы егъау бæрæгбон райгуырд, уый фæдыл.

Республикæйы Бон у æппæтадæмон бæрæгбон!

Ис ын стыр нысан. Ирыстоны зæххыл 1990 азы цы хæдбар паддзахад сæвзæрд, уый фидарæй фидардæр кæнæд! Уæлахиз уæд нæ иудзинад!

Нæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад æмæ амонд, Ирыстоны цъæх арвы бын уæ бинонтимæ сæрибарæй куыд цæрат, æнæмаст, æнæфыдбылыз, æнæзæрдæхсайгæйæ куыд рæзой сабитæ, куыд хъомыл кæной хъæбатыр хæдбар Республикæйы Ирыстоны кадæн.

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

 

Иры Стыр Ныхасы номæй Кучиты Руслан