15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
22°
(Облачно)
49 %
8 м/с
$ — 92.1314 руб.
€ — 98.7079 руб.
Иу хъазты истори
07.08.2021
10:30
4 410
Иу хъазты истори

1996-æм азы 7-æм августы дзæуджыхъæуыкаг «Алани» архайдта клубы кадыл чи фæзындаид, ахæм хъæзтытæй иуы. Уыцы бон, 25 азы размæ, ирыстойнæгтæ фыццаг хатт ацыдысты Европæйы æппæтæй ахсджиагдæр футболон турнирмæ. Сæ ныхмæ лæууыд шотландиаг командæ «Глазго Рейнджерс».

Уыцы сезоны дзæуджыхъæуыккæгты хъуыддæгтæ бынтон хорз нæ цыдысты. Афæдзы размæ сæхæдæг сæхи цы æмвæзадмæ систой, уымæ ныр сæ бон схизын нæ уыд. Цавæрдæр фембæлдтыты-иу æнцонтæй фæуæлахиз сты, фæлæ тыхджын клубтæн ныхкъуырд лæвæрдтой зынтæй. Уый ирыстойнаг футболуарзджытæн тынг зын уыд. Уыдон зыдтой, командæйæн йæ бон хуыздæр хъазын кæй у, уый æмæ сæ зæрдæ дардтой, «Алани» раздæрау æнтыстджынæй кæй архайдзæн, ууыл.

Уыцы заман фæсарæйнаг футбол Уæрæсейы телеуынынадæй арæх не *вдыстой, фæлæ уæддæр цавæрдæр равдыстытæ футболуарзджыты бæлвырд зонгæ кодтой европæйаг футболимæ. Уæлдай цымыдисагдæр программæ «Футбол без границ» цæттæ кодта Олег Жолобов. Европæйаг чемпионатты тыххæй йæ «Футбольное обозрение»-йы дзырдта Владимир Перетурин дæр. Уымæй уæлдай ма уыд æмæ ныр дæр кусы газет «Спорт-Экспресс». Уыцы дзыллон хабархæссæг фæрæзты фæрцы –иу футболуарзджытæ аргъ кодтой тыхджындæр командæты арæхстдзинадæн.

Хæлттæ æппарæн бон, «Алани» «Глазго Рейнджерс»-имæ кæй хъаздзæн, уый дзæуджыхъæуыккаг футболуарзджытæ куы базыдтой, уæд æппындæр нæ батыхстысты. Бирæты уырныдта, нæ командæ кæй фæуæлахиз уыдзæн, уый. «Глазго Рейнджерс» уыд хъуыстгонд клуб æмæ йын йæ футболистты зыдтой æппæт дунейы дæр. Уый дын Брайан Лаудруп, стæй 1996-æм азы Европæйы чемпонаты рæсугъддæр голтæй иу чи бакъуырда, уыцы Пол Гаскойн. Хицæнæй зæгъын хъуы Аллистер Маккойсты тыххæй. Уый кæд Джордж Веа, Юрген Клинсманн æмæ Алан Ширеры хуызæн нæ уыд, уæддæр нымад уыд «Рейнджерс»-ы раздзæуæг æмæ Шотландийы хуыздæр футболисттæй иу.
Фæлæ уæддæр дзуджыхъæуыккæгты гæнæнтæ уæрæх уыдысты, футболуарзджытæ æнхъæлмæ кастысты «Алани»-йы уæлахизмæ. Уæлдайдæр уыцы рæстæг шотландиæгтæ англисæгтæй лæмæгъдæр уыдысты.

Англисæгтыл та иу 1990-æм азты уæрæсейаг клубтæ æнцонтæй фæуæлахиз сты. 2:6 æмæ 0:4 хыгъдæй «Спартак»-æн фæхæрд сты «Ливерпуль» æмæ уæды чемпион «Блэкберн». Волгограды «Ротор» æмæ Мæскуыйы «Торпедо» та тыхджындæр разындысты «Манчестер Юнайтед»- æй.

Ныр та бæлвырддæр хъазты тыххæй. «Алани» мæскуыйаг «Спартак»-имæ зын хъазт куы акодта æмæ Цæгат Ирыстоны Президенты Кубок рамбулыныл ерысты куы бацархайдта, уæд араст Шотландимæ – клубы историйы ахсджиагдæр хъазтмæ. Нæ командæйы футболисттæй ахæм бæрзонд æмвæзады турнирты раздæр ничи архайдта. «Алани» «Рейнджерс»-ыл куы фæуæлахиз уыдаид, уæд республикон стадион «Спартак» суазæг кодтаид хъуыстгонд голландиаг клуб «Аякс»-ы.

«Алани» æмæ «Рейнджерс»-ы фембæлд цыдис горæт Глазгойы æмæ йæ Уæрæсейы сæйраг телеуынынадæй нæ равдыстой. Ирыстойнаг футболуарзджытæ æрмæст дыккаг бон базыдтой, нæ бæстæйы чемпион кæй фæхæрд ис, уый. Куыд сбæрæг, афтæмæй фыццаг таймы æнтыстджындæрæй архайдтой ирыстойнæгтæ æмæ шотландиæгты дуаргæс Энди Горамы тынг батыхсын кодтой. Хъазты райдиан сæхи хорз равдыстой Мирджалол Касымов æмæ Æгайты Алан. «Рейнджерс»- æн та гол бакхъуырдта Игорь Яновский, Тедеты Бахва йæм пурти куы баппæрста, уый фæстæ.

Фæлæ дыккаг таймы ирыстойнæгтæ сæ хъазты фæтк аивтой, æвæццæгæн, афтæ æнхъæлдтой, æмæ уый фæрцы рамбулдзысты. «Глазго Рейнджерс»-ы футболтисттæ та цымыдисагæй ницы æвдыстой, фæлæ уæддæр Дмитрий Краморенкойы дуары цур арæзтой тæссаг уавæртæ. Хъыгагæн, уыцы фембæлды нæ архайдта «Алани»-йы хуыздæр футболисттæй иу Муртаз Шелия. Хъазтыл æвзæры *рдæм фæзынд тæрхонгæнæг футболон фæзæй Пагæты Артуры кæй арвыста, уый дæр. Дыккаг таймы 35 минутмæ ирыстойнæгтæн бакъуырдтой æртæ голы, фæлæ ма хъазты кæронмæ дæс минуты куы баззад, уæд Олег Сергеевы фæрцы «Алани»-йæн фæцис пенальти бакъуырыны фадат, фæлæ уый 22-аздзыд Игорь Яновскийы къухы нæ бафтыд.

«Алани» уæд уыд стыр фæлтæрддзинад кæмæ нæй, ахæм æрыгон командæ æмæ 3:1 хыгъдæй кæй фæхæрд, уый тыххæй тренерты æмæ футболистты æвæццæгæн нал уырныдта, дзуаппдæттæг фембæлды сæ бон рамбулын кæй уыдзæн, уый. Дыууæ къуырийы фæстæ республикон стадион «Спартак»-ы фæзмæ дзæуджыхъæуыккæгтæ рахызтысты нæ хъул сах куы абадид, зæгъгæ, ахæм хъуыдыимæ. Футболуарзджытæй бирæтæ сæ бынæттæ нæма бацахстой, афтæмæй хъазты 38-æм секунды Маккойст Заур Хаповы дуары бакъуырдта гол. Сахаты *рдæг ма дзæуджыхъæуыккæгтæ архайдтой рамбулыныл, фæлæ сæ хъазт фæкъуылымпы æмæ размæ нал цыд.

Уыцы сæрдыгон хъарм фæлмæн изæр командæ æмæ ирыстойнаг футболуарзджыты бæллицтæ фæсайдта. Фæлæ адæймаг 25 азы фæстæ ивгъуыдмæ куы акæса, уæд «Алани» кæддæр чемпионты лигæйы кæй архайдта, уый йæм рæсугъд фынау фæкæсы.

Кучиты Алыксандр