15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
25°
(Ясно)
52 %
3.48 м/с
Иу бон хъæу Хъæнийы цардæй
11.04.2019
19:03
1 728

Гæналдоны галиу фарс бæрзонд былыл лæууæг хъæу Хъæни хауы адзæрæг хъæуты къордмæ. Иу уынгæй конд Хъæнийæ уæлдай ма ис Дæллаг Хъæни, æдæппæтæй дыууæ хæдзарæй арæзт. Цæгат Ирыстоны, ацы диссаджы бынæттæм æрцæугæйæ, адæмыл уайтагъд нæ фембæлдзынæ. Кæддæр ацы ран уыд 80 кæрты. Абоны бон хъæуы цæрджыты фылдæр хай фæлыгъд Республикæйы сæйраг горæт Дзæуджыхъæумæ. Цы 20 бæрц бинонтæ ма дзы баззад, уыдон та сæ цард дарддæр кæнынц: дарынц фос, аразынц ирон цыхт, сæ изæртæ цыбыр кæнынц фæстаг ног хабæрттыл дзургæйæ. Цы зындзинæдтæ ‘ййафынц Хъæнийы цæрджытæ æмæ цы хуызæн уыд ацы хъæуы цард ссæдз азы размæ, уыцы хабæрттæ базыдта «15-æм Регион»-ы уацхæссæг.

Хъæуыл цæугæйæ, ис фенæн зæронд пырх хæдзæрттæ, уым кæддæр цард парахатæй цыд йæхи радыл, ныры рæстæг та æрмæстдæр хæххон дымгæ æхситт кæны сидзæр къулты ‘хсæн. Хъæнимæ цæуæг фæндагыл арæх ис сæмбæлæн алыхуызон хæдзарон фосыл: кæрчытыл, хъазтыл, бабызтыл, бæхтыл æмæ куыйтыл. Къæдзæхтæн сæ иумæ схизгæйæ суыдтам æрыгон амад фондзуæладзыгон хæдзар. Диссаг нæм фæкаст, ацы хæдзар Хъæрмæдоны хъæумæ кæй хауы, кæд æмæ йæ цæрджытæ сæхи нымайынц Хъæнийы хъæуккæгтыл. Уæвгæ, уый баст у, дыууæ хъæуы кæрæдзимæ ‘ввахс кæй лæууынц æмæ сын иу æххæстгæнæг хицауад кæй ис, уыимæ.

Хъæуы цæрæг Евгенияйы ныхæстæм гæсгæ, фондзуæладзыгон хæдзæр амад уыд, ныры рæстæг рохуаты уагъд, курорт «Хъæрмæдон»-ы кусджытæн.

«Хъæуы цард баурæдта 2002 азы, Колкайы цъити куы ратыдта, уæд. Хъуыды кæнын, хæринаг нын хæдтæхæгыл куыд ластой, уый. Нæ хъæу Хъæрмæдонмæ æввахс у, фæлæ цъити на фæрсты ацыд. Уыцы хабæртты фæстæ бирæтæ фæлыгъдысты сæ райгуырæн хæдзæрттæй. Цы санаторийы куыстам, уый та рохуаты баззад», — радзырдта Евгения.

Фатерты цæрæг адæм алы бон уынынц сæ рудзгуытæй зæронд пырх урс æмæ сырх дурæй конд хæдзæрттæ. Абоны бон ам ис мистикон кинотæ исæн. «Хъæрмæдоны зынæвзарæны» размæ та адæм куыстой хъæрмæдонуадзæн заводы, суазæг-иу кодтой пансионаты уазджыты æмæ арæзтой райдзаст пълæнттæ.

«Ацы ранмæ никуы ‘рцæуынц фыдгæнджытæ, æхсæнадон царды бæрзонд къæпхæнæй дард кæй лæууæм, уый руаджы. Фæлæ ацы сидзæр пырх хæдзæрттæй зæрдæ æмризæджы рызт кæны. Дыууæ азы размæ пырхгонд æрцыдысты цалдæр æрдæгмæамад хæдзары, фæлæ хъуыддаг кæронмæ нæ сарæзтой. Мæнмæ гæсгæ, пырх æмæ æрдæгмæамад хæдзæрттæ хъæуы адæмы цæстæй æмбæхсын», — загъта Евгения.

Хъæнийы иунæг уынгау, цард фондзуæладзыгон хæдзары нæ баурæдта. Ам ис иунæг хъæуккаг хойраджы дукани, уым, хъæуы цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, ис цæрынæн сæ цыдæриддæр хъæуы, уый æмæ ма автобусты уромæн дæр. Автобус Дзæуджыхъæумæ цæуы алы бон райсомы 8 сахатыл, фæстæмæ та æрбаздæхы бонæй 4 сахатыл – æмæ уый хъæуы цæрджытæн сæ зæрдæмæ цæуы.

«Дукани паддзахадон кæй нæу, уый тыххæй дзы алцы дæр зынаргъ у». Раздæр, туристтæ ма нæм куы цыди, уæд автобус цыди бон 4-5 хатты. Ныры рæстæг та, иу хатт дæр фаг у. Иу цыды аргъ кæны 8 туманы. Горæтмæ ацæуын дзидза балхæнынмæ, уымæн æмæ йæ нæ дуканийы нæ уæй кæнынц. Хатгай, мæй иу хатт ацæуын уазæгуаты мæ хæстæджытæм», — фæбæрæг кодта хъæуы æндæр цæрæг Этери.

Хъæу дард кæй у, уый тыххæй кæрдзын хъæумæ ласынц посты кусджытæ, фыстæджытимæ иумæ, къуыри æртæ хатты: дыццæджы, цыппæрæмы æмæ майрæмбоны.

«Кæрдзынгæнæгæн алы бон ардæм цæуын пайда нæу. Ногфых кæрдзын дæр, уæдæ, арæх хæрын хорз нæу», — худы хъæуы цæрæг Кристинæ.

Хъæуккæгтимæ ныхас кæнгæйæ бæрæг уыд, сæ райгуырæн бынæттæй сæ горæтмæ кæй нæ фæнды лидзын, уый. Уыдонмæ ‘хсæвыгон хъæддаг куыйты уаст, хæххон зымæгон зындзинæдтæ, автобусæн сæм йæ бон ихвæндагыл куы нæ вæййы ‘рбацæуын, уыцы хабæрттæ кæсынц ницæйаг. Сæрмагонд сæм кæсы хи хæдзар æмæ сыгъдæг хæххон уæлдæф.

«Мах цæрæм айдагъ пенсийыл. Бирæты горæтмæ лидзын нæ фæнды, уымæн æмæ Хъæни у нæ райгуырæн бынат. Нæ фæлыгъдыстæм цъитийы ‘рцыды фæстæ æмæ æндæр царды зындзинæдтæн дæр бафæраздзыстæм», — ныфс бавæрдта Этери.

Елхъанаты Екатеринæ