15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
14°
(Ясно)
100 %
2 м/с
Сергей Меняйло раарфæ кодта республикæйы цæрджытæн бӕрӕгбоны фæдыл
16.11.2025
19:42
1 385

Мæ зынаргъ Ирыстоны цӕрджытӕ!

Зӕрдиаг арфӕ уын кӕнын Иры кадджындӕр бӕрӕгбон, Уастырджимӕ кувӕн къуырийы фӕдыл!

Рӕсугъдӕй ӕмӕ уыл ӕнӕмастӕй цӕуӕд! Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы, цӕмӕй уӕ хӕдзӕрттӕ бӕркадджын ӕмӕ фӕрнӕйдзаг уой, уӕ бинонтӕ — ӕнӕниз ӕмӕ зӕрдӕрухс, уӕ кӕстӕртӕ та фыдбылызӕй — хызт!

Амондӕй хайджын, Стыр Хуыцау ӕмӕ Уастырджийы фæдзæхст ут! Бӕрӕгбоны хорзӕх уӕд уе ‘ппӕты дӕр!

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло