15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
17°
(Облачно)
34 %
4 м/с
$ — 92.2628 руб.
€ — 99.7057 руб.
Цæгат Ирыстон цæттæ кæны Рекомы бæрæгбонмæ
16.06.2021
18:39
1 656
Цæгат Ирыстон цæттæ кæны Рекомы бæрæгбонмæ

Цæгат Ирыстон цæттæ кæны Рекомы бæрæгбонмæ. Республикæйы цæрджытæ йæ традицион æгъдауæй сбæрæг кæндзысты хурхæтæны боны размæйы фыццаг сабаты. Ацы аз амынд бон æрхауд 19 июньмæ.

«Бæрæгбон уыдзæн Рекомы сæйраг кувæндоны Цъæйы комы. Хорз уаид, цæуинаг чи у, уыдон 12:00-13:00 куы ‘рбацæуиккой», — зæгъы «15-æм Регион»-æн æхсæнадон змæлд «Реком»-ы минæвар, æхсæнадон змæлд «Стыр Ныхас»-ы координацион советы уæнг Дзодзиты Руслан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, бæрæгбонмæ цæттæкæнынад райдайы æртæ боны раздæр. «Æнæмæнг æххæст кæнын хъæуы «уды æмæ буары» комдарæн. Хуыйы æмæ карчы фыд хæрæн нæй. Спъиртхæццæ нозт нуазæн æмæ æвзæр дзыхæй дзурæн нæй æ.а.д.

Уымæй уæлдай, кувæндонмæ цы æртæ чъирийы æрбахæссынц, уыдон хæдзары конд хъуамæ уой, кусарт дæр афтæ. Æрбацæуинаг чи у, уый хъуамæ йæ уæлæдарæсыл ахъуыды кæна: чызджытæн æмбæлы дæллаггуыртæ æмæ сæрбæттæнтæ. Алкæмæн дæр даргъдыс дзаумæттæ. Мысайнаг арæхдæр вæййы 5-10 сомы. Чызджытæн сæ бон у цыллæ сырх лентытæ, къухдарæнтæ æрбахæссын», — бафтыдта йæ ныхасмæ ныхасæмбал.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæнæм, Рекомы тыххæй бирæ таурæгътæ ис. Сæ иумæ гæсгæ амынд кувæндон фæзынд, Хуыцау Нарты эпосы хъайтар Батрадзы мæлæты фæстæ цы æртæ цæссыджы æрæппæрста, уыдонæй иуы бынаты. Традицимæ гæсгæ сылгоймæгтæн Рекоммæ хæстæг цæуæн нæй, ацы кувæндон нæлгоймæгты бардуаджы у. Сæ куывдтытимæ сылгоймæгтæ цæуынц Мадæлты æмæ Чызджыты кувæндæттæм, уыдон дæр хæстæг сты.

Хъоцыты Альбинæ