15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
10°
(Облачно)
93 %
1 м/с
$ — 90.9345 руб.
€ — 100.7958 руб.
В Северной Осетии разработали программу изучения родного языка
Цæгат Ирыстоны бакуыстой мадæлон æвзаг ахуыр кæныны программæйыл
05.09.2023
10:37
русский / иронау
1 063
Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министрад фыццаг хатт бакуыста ахуырадон предметтæ «Мадæлон (ирон) æвзаг», «Мадæлон (ирон) литературæ», «Паддзахадон (ирон) æвзаг»-ы программæтыл.

Министерство образования и науки Северной Осетии впервые разработало программы по учебным предметам «Родной (осетинский) язык», «Родная (осетинская) литература», «Государственный (осетинский) язык». Об этом сообщает пресс-служба ведомства.

«Программы прошли федеральную экспертизу и включены приказами Министерства просвещения Российской Федерации в федеральные образовательные программы начального общего, основного общего, среднего общего образования. Сделан первый, самый сложный шаг на пути внесения учебников по осетинскому языку и осетинской литературе в федеральный перечень учебников», – отмечается в сообщении.

Кроме того, в министерстве отмечают важность сохранения и развития родного языка и культуры и поэтому приложены все усилия, чтобы не допустить сокращения часов, отводимых на изучение и преподавание осетинского языка и осетинской литературы. Так, в 2023-24 учебном году на изучение предметной области выделено 3 часа.

«Программæтæ ацыдысты федералон экспертизæ æмæ cæ Уæрæсейы Федерацийы рухстауынады министрады уынаффæмæ гæсгæ бахастой райдиан иумæйаг, сæйраг иумæйаг æмæ астæуыккаг иумæйаг ахуырады федералон ахуырадон программæтæм. Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæн чингуытæ ахуыргæнæн чингуыты федералон номхыгъдмæ бахæссыны хъуыддаджы конд æрцыд фыццаг æмæ æппæтæй зындæр къахдзæф», – бафиппайдтой ведомствойы.

Министрады ма куыд загътой, афтæмæй ирон æвзаг æмæ культурæ бахъахъхъæнын æмæ сæ рæзтыл архайын ахсджиаг хъуыддаг кæй у, уый. Уый тыххæй нæ бауагътой ирон æвзаг æмæ литературæ ахуыр кæнынæн цы сахаттæ радтынц, уыдон фæкъаддæр кæнын.

Афтæ, Цæгат Ирыстоны скъолаты 2023-2024 ахуыры аз ирон æвзаг æмæ литературæ ахуыр кæнынæн радих кодтой къуыри 3 сахаты.

Алина 15-Баззаева