15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
7°
(Облачно)
46 %
3 м/с
Кæд бæрæг кæндзысты Ирыстоны цæрджытæ Уастырджийы къуыри?
10.11.2026
14:35
115
Кæд бæрæг кæндзысты Ирыстоны цæрджытæ Уастырджийы къуыри?

Æрвылаз ноябры ирон адæм бæрæг кæнынц cæйрагдæр национ бæрæгбæттæй иу – Уастырджийы Бæрæгбон. Йæ истори цæуы дард ивгъуыдмæ. Ацы аз кæд райдайдзæн, уый базыдта «15-æм Регионы» уацхæссæг.

«Ацы бӕрӕгбон фӕззыгон бӕрӕгбӕттӕм хауы, йе’рвитӕн хъуамӕ зымӕгмӕ ма ахӕццӕ уа. Уыимӕ, рох кӕнын нӕ хъӕуы, 2018 азы, Иры Стыр Ныхасы хъӕппӕрисӕй Цӕгат Ирыстоны парламент ӕмӕ республикӕйы уӕды сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав кӕй сфидар кодтой сӕрмагонд закъон ацы стыр, иумӕйаг бӕрӕгбоны тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ Уастырджийы кувӕн къуырийы райдиан, Къуырисӕр, вӕййы улӕфты бон. Уыцы бон иу алы бинонтӕ дӕр сӕ хӕдзары Хуыцаумӕ скуывтой, Уастырджийыл сӕхи бафӕдзӕхстой. Къуырисӕры хонгӕ нӕ кодтой. Сыхбӕстӕ иу кӕрӕдзийы хонын райдыдтой Дыццӕджы. Уымӕн сфидар кӕнын кодтам Къуырисӕр улӕфӕн бонӕй, цӕмӕй алы бинонтӕн дӕр уа фадат ӕнӕ къуылымпы, бӕстонӕй сӕ кувинӕгтӕ изӕрмӕ бацӕттӕ кӕнынӕн. Закъон закъон у. Ӕххӕст ӕй кӕнын хъӕуы ӕнӕ уӕлдай радзур-бадзурӕй. Чи йӕ райста, уыдонӕй уӕлдай йӕ ивӕн никӕйы бон у. Бӕрӕгбон кӕдмӕ цӕуы, уӕд ӕй хъӕуы кӕнын — Уастырджийы мӕйы (ноябыры), фӕстаг ӕххӕст къуырийы Къуырисӕрӕй райдайгӕйӕ», — радзырдта «15-æм Регионæн» «Аланты ныхасы» Ӕгъдауы комитеты сардар Кучиты Руслан.

Афтæмæй, ацы аз къуырисæры, 23 ноябры, Цæгат Ирыстоны уыдзæн фæлладуадзæн бон.

Тамара 15-Хутугова