15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
-2°
(Дождь)
93 %
3 м/с
$ — 82.8487 руб.
€ — 90.8257 руб.
Ирон æвзаг куы фесæфа, уæд йемæ бирæ истытæ дæр ахæсдзæн – Хъуысаты Садреттин
18.04.2024
20:57
7 667
Ирон æвзаг куы фесæфа, уæд йемæ бирæ истытæ дæр ахæсдзæн – Хъуысаты Садреттин

… Цы зæгъон дæуæй уæлдай æз дæр Муссæйæн*. Куыд ма йын ис карздæр ралгъитæн? Ирыстоны риуы ныссагъта кард æмæ дуды, дуды. Кæм ис уæлдай хъæбултæ мадмæ? Сывæллоны зæрдæ кæд нæ агуры ныййарæджы хъарм хъæбыс?..

(Бутаты-Хестанты Победæйы новеллæ «Дыууæ фыстæджы»-йæ скъуыддзаг)

Саби иудадзыг йæ гыццыл гуккытæ йæ мадмæ куыд фæивазы, дæ хъæбысы мæ акæн, зæгъгæ, афтæ Турчы цæрæг ирæттæ дæр æппынæдзух тырнынц сæ фыдæлты Райгуырæн зæххы хъарм хъæбысмæ.

Цал æмæ цал азы рауад, сæ хистæртæ æцæгæлон бæcтæмæ хуыздæр цард агур куы ацыдысты, уæдæй абонмæ. Чидæр, æвæццæгæн, æндæр адæмты ‘хсæн ныххæлиу уæвгæйæ, ферох кодтаид йæ фыдæлтæй йын цы баззад, уый.

Чидæр… Фæлæ Турчы цæрæг ирæттæ абоны онг цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц фыдæлтыккон æгъдæуттæ, аудынц ирон æвзагыл, арæх бабæрæг кæнынц сæ фыдыуæзæг æмæ ныр дæр ирæтты æхсæнад «Алан»-ы минæвæрттæ сты Ирыстоны.

«Куыд уын бантыст ирон æвзаг бахъахъхъæнын?» сæ куы бафарстам, уæд æхсæнады сæргълӕууӕг Хъуысаты Садреттин загъта:

«Фылдæр хистæрты ‘руаджы. Хæдзары хистæртæ сæ цотимæ иронау, мадæлон æвзагыл дзырдтой, фæлæ стыр горæтмæ цæрынмæ куы ацыдыстæм, уæд нæ хъуыддаг сæндæр ис. Зын у абон уый тыххæй, амæй фæстæмæ куыд уыдзæн, уый нæ зонын. Мах уым бирæ не стæм (бæлвырд нæ нæ банымадтой, фæлæ дыууиссæдз мины зæгъынц). Мах 20 азы фæстæ куы фесæфæм, æвзаг чи зоны, ахæм куы нæ баззайа, уæддæр диссаг у, уымæн æмæ 160 азы размæ ардыгæй ацыдыстæм, ахъуыды ма кæн. Махæн радио нæй, телеуынынад нæй, газет нæй, журнал нæй, скъола нæй, ницы ис. Хæдзары хистæртæ дзырдтой æмæ уыдоны руаджы мах дæр сахуыр ыстæм.

Дунейы дæр, Ирыстоны дæр вæййы мадæлон æвзаджы бæрæгбон. Мах нæ сайты баннертæ сæвæрæм æмæ афтæ фæзæгъæм: «Хистæр, иронау дзур». Алцы уыдонæй аразгæ у, кæстæрты ахосджын нæ кæнæм.

Ацы нахас арæх фæзæгъын: не ‘ппæты стырдæр проблемæ хæст нæу, экономикон кризис нæу, æхца фаг кæй нæ кæны, уый нæу, фæндæгты хæлд нæу – адонæн сраст кæныны амал ис, фондз азы фæстæ, чи зоны, сæ кой дæр нал уыдзæн, фæлæ æвзагæй стырдæр проблемæ нæй, æвзаг куы фесæфа, уæд йемæ бирæ истытæ дæр ахæсдзæн, иунæг æвзаг сæфтыл нымад нæ уыдзæн, уæд уымæн фæстæмæ аразыны, сраст кæныны амал нæй. Æмæ Ирыстонæн, мæнмæ гæсгæ, æппæты стырдæр проблемæ æвзаг у», – бафиппайдта Хъуысаты Садреттин.

Ныййарæг йæ хъæбулæн алолайы зарæг цы ‘взагыл фæкæны, уый йын свœййы зынаргъ æмæ адджын. Фæлæ, хъыгагæн, абон бирæты цæсты æцæгæлон æвзæгтæ кадджындæр сты, ирон æвзаг та къуыммæ тардау у. 

Уый тыххæй фæсивæды ‘ргом мадæлон æвзаг æмæ нæ культурæ бахъахъхъæнынмæ раздахын у нæ сæйрагдæр хæстæй иу, хъуыды кæны Турчы цæрæг ирæтты æхсæнад «Алан»-ы уæнг Æлбегты Лейлæ.

«Мад ирон, фыд ирон, фæлæ цот иронау нæ дзурынц. Уый махæн тынг хъыг у. Мæхи хæрæфырттæй йæ зонын: мад дæр, фыд дæр ирæттæ, фæлæ туркагау дзурынц. Æмæ мын тынг хъыг у, мæсты дæр свæййын æмæ фæзæгъын: æндæр æвзæгтæ ахуыр кæныныл архайут, фæлæ иронау … (нæ дзурут – ред. фипп.).

Уый паддзахадæй цæуы ацы хабар: æвзаг уарзын кæнын, хъахъхъæнын, уымæ гæсгæ закъонтæ дæр хъæуы, уæд хæдзары дæр фылдæр дзурдзысты. Махмæ ис кæсгæттæ дæр, ис абхазæгтæ, цæцæйнæгтæ, гуырдзыйæгтæ, кæсын æмæ cæ мидæг се ‘взагыл дзурынц. Ардæм куы ‘рцæуæм, ам дæр сæ афтæ фенæм æмæ уæдæ уыдон се ‘взагыл куыд хæцынц, мах афтæ цæуылнæ хæцæм? Раздæр нæхи уарзинаг ыстæм, нæ кæрæдзийыл фидардæрæй куы хæцæм, уæд не ‘взаг дæр уарздзыстæм.

Махæн дæр хъыг у, дæ ном ирон æмæ культурæ нал зоныс, æвзаг нал зоныс æмæ райсом чи дæ, уый дæр ферох кæндзынæ. Æрмæст æвзаг нæ, фæлæ ирондзинад дæр уарзын хъæyы, нæ кæрæдзийыл дæр бастдзинад хъæуы. Ирыстон махæн стыр ныфс у, ам цас дзæбæх уа æвзаджы уавæр дæр, культурæйы уавæр дæр, уæд сæ мах дæр уыйас пайда кæндзыстæм», – загъта Æлбегты Лейлæ.

Зæгъæм, Турчы закъонмæ гæсгæ, къласы кавказаг адæмты 15-20 минæвары куы ахуыр кæна, уæд сын иу кълас байгом кæнынц æмæ сывæллæттæ къуыримæ цалдæр сахаты сæ мадæлон æвзаг фæахуыр кæнынц. Хъуысаты Садреттины ныхæстæм гæсгæ, ирæттæн, хъыгагæн, ахæм фадат нæй, уымæн æмæ бирæйæ не сты. Чи дзы цæры, уыдон та хæлиуæй – Стамбулы, Анкарайы, Измиры.

Цæмæй Турчы ирон ныхас ма бамынæг уа, уый тыххæй хорз уаид бæстæйы цæрæг ирон фæсивæды дæргъвæтин рæстæгмæ Ирыстонмæ æркæнын, загъта Æлбегты Лейлæ.

«Мах фæсивæды ардæм æркæнын хъæуы исты æфсонтæй, ныры онг фæцыдысты, фæлæ зынæй, тыхæй, гыццыл рæстæг сæрды. Сæрды та ам дæр университет æхгæд вæййы æмæ сæхи мидæг вæййынц, ирон фæсивæдимæ баиу кæнинаг сты, цыбыр рæстæг нæ…», – бафиппайдта Æлбегты Лейлæ.

Ирыстон зарæг у, адæймаг æмæ æрдзы сконд зарæг. Æмæ дæу, мыййаг, искуы дæ фæндæгтæ ардæм куы ‘ркæной, уæд, мæ уырны: сисдзынæ дæ худ, ныллæг акувдзынæ Иры хæхтæн, амбырд кæндзынæ армыдзаг сау мæр, нылхъивдзынæ йæ дæ риумæ, банкъардзынæ хъæбулы зæрдæйæ фыдæлты зæххы ад.

(Бутаты-Хестанты Победæйы новеллæ «Дыууæ фыстæджы»-йæ скъуыддзаг)


* Инæлар Куындыхаты Муссæ 1865 азы сразæнгард кодта ирон адæмы иу хай Туркмæ алидзынмæ

Автор: Хуытыгаты Тамарæ, къамисæг: Фæрниаты Константин