Нæ зынаргъ Ирыстоны адæм!
Æрхæццæ кæны нæ кадджын стыр бæрæгбон – Уастырджийы кувæн къуыри (Джеоргуыба).
Æгъдаумæ гæсгæ куыд баззад, стæй республикæйы Парламент æмæ Сæргълæууæг æртæ азы размæ цы Уынаффæ рахастой, уымæ гæсгæ бæрæгбон хъуамæ æрцæуа Джеоргуыбайы (ноябыры) мæйы фæстаг æххæст къуыримæ. Уый хæдразмæ вæййы Галæргæвдæн Хуыцаубон. Нывонд галтæ æмæ уæнгуытæ кæмæ вæййы, уыдон сæ уыцы бон кусарт акæнынц. Къуырисæры та алы бинонтæ дæр се ‘ртæ кæрдзынæй скувынц Хуыцау æмæ Уастырджимæ, сæхи сыл бафæдзæхсынц.
Цæмæй уыцы ахсджиаг хъуыддагмæ адæм тагъд-тагъдæй ма цæттæ кæной, цæмæй алы бинонтæн дæр уа фаг фадат æмæ рæстæг иумæ æрбамбырд уæвынæн, уый тыххæй уæлдæр цы паддзахадон Уынаффæйы кой скодтон, уымæ гæсгæ Республикæ Цæгат Ирыстоны ацы бæрæгбæтты райдайæн, Къуырисæр (21.11.2022), у нымад æнæкусгæ улæфты боныл. Кæд искæцы хицауæй уый ферох уа, уæд ын иу æй æрхъуыды кæнут.
Бæрæгбон бæрæгбоны хуызæн хъуамæ уа. Фæлæ æнæ зæгъгæ нæй иу цалдæр зæрдылдарæн фиппаинаджы.
Фыццаджыдæр нæ хъуамæ рох ма уа, ацы бæрæгбон æрмæст хæрын æмæ нуазынæн, стæй айдагъ ас лæгтæн кæй нæу. Æппæтадæмон бæрæгбон у. Ма нæ байрох уæнт кæстæртæ, сабитæ. Алчидæр хъуамæ йæхи бацæттæ кæна, сæмбæла йыл сыгъдæгæй, хорз зонд, рухс фæндтимæ.
Раст уыдзæн иу цалдæр боны ком бадарын дæр. Тынг ахсджиаг у, æртæ кæрдзыны чи скувдзæн, уый снысан кæнын. Зонут æй, зæрдæйæ, удыхъæдæй, буарæй чъизи адæймаджы куывд Хуыцаумæ нæ хъуысы, цыфæнды дзырдарæхст куы уа, уæддæр.
Хъуамæ кувæм сыгъдæгзæрдæйæ, стæй цы ‘мбæлы, уыцы хойраг æмæ нозтæй. Хæдзары конд уæливыхтæ, нывонд кусæрттаджы хæйттæ æмæ ирон бæгæны хъуамæ уой нæ кувинæгтæ. Ма кувут Хуыцаумæ карз нозтæй, дуканиты æлхæд чъиритæ æмæ фæрсчытæй. Уыцы куывд бынатыл нæ сæмбæлдзæн, бон изæрмæ рæсугъд ныхæстæ куы фæкæнат, уæддæр. Уæливыхтæ скæнынæн хæдзары æфсин кæмæ нæй, уый фæлтау йæ хионæн, кæнæ йæ сыхагæн балæгъстæ кæнæд.
Горæты бирæуæладзыгон хæдзæртты фылдæрæн сæ бон кусарт акæнын нæу. Æмæ уæд айдагъ æртæ кæрдзынæй æмæ бæгæныйæ скувын растдæр уыдзæн, æлхæд фыдызгъæл та æрæвæр кувинагæн нæ, фæлæ æнæуи хæринагæн, фынджы бæркадæн.
Бæрæгбоны фынгыл ма æрæвæрут маргъы æмæ бырынкъджыны фыдæй конд хæринæгтæ. Уыдонæн сæ тæф дæр хъуамæ кувинæгтæм ма фæхæццæ уа, кæннод уæ куывд фæдзæгъæлы уыдзæн.
Уастырджийы кувæн къуыри у æппæт ирон адæмы бæрæгбон. Немæ зæрдиагæй фæкувынц, фæбадынц, фæцин кæнынц иннæ адæмты минæвæрттæ дæр. Адæм кæрæдзийы хонынц, кæнынц сыхты, хъæуты куывдтæ. Афтæ баззади фыдæлтæй.
Фæлæ нын, хъыгагæн, ныры рæстæджы домæнтæ æрбалхъывтой нæ уавæртæ. Æмæ иу кæд, нæ фыдæлтæ хæсты рæстæг сæ царды домæнтæ, сæ фæндтæ дзæвгар æрбалвæстой, уæд ныл абон дæр хуыздæр заман не скодта.
Хъыгагæн, фæстаг аз дунейы уавæр тынг стæссаг ис. Украинæйы цæуы карз тох нырыккон нацизм æмæ адæмты ‘хсæн æнæуынондзинад парахатгæнджытимæ. Уыцы тохы хъайтарæй архайынц Ирыстоны хъæбултæ дæр. Уый фæдыл мæ фæнды фæсидын адæммæ, иуæй цæмæй нæ бæрæгбон, уавæр зæрдыл даргæйæ скæнæм, иннæмæй та, не’ртæ кæрдзыны кувгæйæ, цæмæй æнæмæнг нæ æхсарджын тохгæнæг кæстæрты Уастырджийыл бафæдзæхсæм. Фыдбылызæй сæ бахъахъхъæнæд, æмæ тагъд рæстæджы уæлахизимæ сæ бинонтæм, сæ уарзон адæммæ сæрæгасæй сыздæхæнт.
Йæ хæдзары, стæй сыхбæсты мидæг сыгъдæг зæрдæйæ чи скува, уымæн-иу йе ’ртæ кæрдзыны бæрсткуывд уæнт! Уастырджийы хорзæх уæд нæ Ирыстоны адæмы æмæ уыл бæрæгбон дзæбæхæй сæмбæлæд!