15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
13°
(Ясно)
79 %
1.91 м/с
Хозиты Яковы райгуырдыл æххæст кæны 95 азы
08.02.2011
15:03

Абон поэт, литературæ иртасæг, публицистикæйы критик, тæлмацгæнæг Хозиты Яковы райгуырдыл æххæст кæны 95 азы. Кæд хæрз чысыл фæцард, уæддæр чиныгкæсæджы зæрдæйы ныууагъта стыр фæд. Ирон поэзийы Яковы сфæлдыстад ахсы сæрмагонд бынат. Поэтæн æрдзæй цы курдиат лæвæрд уыдис, уый снывонд кодта титературæйы бæллицаг фидæнæн.
Сфæлдыстады Яков цы фæлтæрæнтæ кодта, уыдон баст уыдысты адæмы рухс фидæнимæ.
Яковы хуызæн ног дуджы зарæггæнджытæ сты Советон литературæйы бындурæвæрджытæ. Йæ чингуытæ дзурæг сты авторы хъæздыг миддунейыл. Студент уæвгæйæ йе мдзæвгæтæ цыдысты мыхуыры. Куыста сывæллæтты ахуыргæнæн чингытыл.
Уырыссагæй ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Пушкин, Шекспир æмæ æндæр дунеон классикты уацмыстæ. 22 азмæ поэтæн цы хъæздыг сфæлдыстадон бынтæ ныууадзын бантыст, уыдон арф бахызтысты адæмы зæрдæтæм.ГТРК «Алания»